Новая версия сайта Перейти
Russian (CIS)English (United Kingdom)
ISSN 2223-165X

СЕВЕРО-ОСЕТИНСКИЙ ИНСТИТУТ ГУМАНИТАРНЫХ И СОЦИАЛЬНЫХ ИССЛЕДОВАНИЙ
им. В.И. АБАЕВА — ФИЛИАЛ ФГБУН ФЕДЕРАЛЬНОГО НАУЧНОГО ЦЕНТРА
«ВЛАДИКАВКАЗСКИЙ НАУЧНЫЙ ЦЕНТР РОССИЙСКОЙ АКАДЕМИИ НАУК»

 

ИЗВЕСТИЯ СОИГСИ


Э.Б. Сатцаты ЛИНГВИСТИКА И ЛИТЕРАТУРОВЕДЕНИЕ ИРОН ÆВЗАДЖЫ БЫНАТ ИРАЙНАГ ÆВЗÆГТЫ КЪОРДЫ Печать

Ирон æвзаг хауы ирайнаг æвзаджы стыр къордмæ. Уыцы къордмæ ма ха­уынц бирæ æндæр æвзæгтæ, кæцыты ‘хсæн сты ахæм егъау æвзæгтæ, куыд персайнаг, афгайнаг (пушту), таджи­каг, курдаг, белуджаг. Зæгъæм канд пер­сайнаг æвзаг æмæ йе ‘нгæс æвзæгтыл ныхас кæны сæдæ милуанмæ ‘ввахс адæймаджы. Пуштунаг æвзаг мадæлон у 45 милуанмæ хæстæг адæймагæн. Курдаг æвзагыл ныхас кæны 35‑40 милуанмæ хæстæг. Уыимæ ирайнаг æвзæгты къор­ды ‘хсæн ис ахæм æвзæгтæ дæр, фыссы­над кæуыл нæй. Зæгъæм, гилянаг кæнæ мазандарайнаг æвзæгтыл дзурынц милуантæ, фæлæ сæм фыссынад кæй нæй, уый тыххæй пайда кæнынц пер­сайнаг æвзагæй [1, 29‑59].

Персайнаг æвзагыл арæзт æрцыд диссаджы хъæздыг аивадон литературæ, уæлдайдæр поэзи, дунейы æмбал кæмæн нæй, уыцы персайнаг по­эзи [1, 254‑272].

Хъæздыг у сæ литературæ пуштунтæн æмæ курдæгтæн дæр.

Таджикаг æмæ дари литературæтæ та сæ райдайæн исынц классикон пер­сайнаг литературæйæ, æмæ уыцы æвзæгтæ нырыккон персайнаг æвзагмæ тынг хæстæг кæй сты, уый тыххæй сæ кæрæдзийæ хицæн нæ кæнæм.

Ирон æвзаг ирайнаг æвзæгты ‘хсæн йæ ныхасгæнджыты нымæцмæ гæсгæ ахсы астæуккаг бынат, фæлæ къорды нымад цæуы ахсджиагдæртæй иуыл.

Ирон æвзагыл сырæзыд абаргæйæ хъæздыг аивадон литературæ æмæ ирон æвзаджы грамматикæ наукон æгъдауæй арф æмæ бæстон иртæст æрцыдис. Уымæ гæсгæ ирон æвзаг къорды ахсы æртыккаг бынат персайнаг æмæ таджи­каг æвзæгты фæстæ. Фæлæ ныртæккæ ирон æвзагыл ныхасгæнджыты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны, æмæ ирон æвзагæй пайдагæнджыты нымæцмæ гæсгæ ирон æвзаг ирайнаг нымад æмæ литературон æвзæгты æхсæн ахсы фæстаг бынат. Хъуыддаг дарддæр афтæ куы ацæуа, уæд ирон æвзаг сæфгæ цы ирайнаг æвзæгтæ кæнынц, уыдоны къордмæ æрхаудзæн.

Ирон æвзаг нымад у рагон ски­фаг (сакаг) знæмты æвзаджы иунæг байзæддагыл. Йæ райрæзты фæндагыл скифаг (сакаг) æвзаг раивта фыццаг сæрмæтаг, стæй алайнаг æвзагмæ æмæ уый бындурыл фæстагмæ фæзынд ирон æвзаг [2, 36‑47].

Нырма бынтон бæлвырд нæу, æппæты фыццаг ирайнаг знæмтæ кæм цардысты æмæ кæцæй рахæлиу сты, уый. Фæлæ фылдæр ахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ ирайнаг адæмты фыдæлты уæзæг уыди Хуссар-Скæсæн Европæйы, æмæ нырыккон Казахстаны зæххытыл. Йæ заманы ирайнаг знæмтæ цы зæхх ахстой, уый уыди иумæ райсгæйæ, æппæт иннæ индоевропæйаг адæмты зæххытæй дæр егъаудæр. Уыцы зæххæн йæ ныгуылæн арæнтæ хæццæ кодтой суанг Дунайы донæн йæ астæуккаг хайы былгæрæттæм. Скæсæны ирай­наг адæмтæ цардысты суанг нырыккон Монголы бæстæйы арæнты онг. Цæгаты сæ зæххыты райдайæн уыди нырыккон Уæрæсейы хъæдбыдыр бынæттæй, хус­сары та ирайнаг адæмты зæхх бахæццæ Персайнаг донбакæлæны былгæрæттæм [4, 60‑75].

Кæй зæгъын æй хъæуы, уытæппæт зæххытыл ма цардысты æндæр адæмтæ дæр, фæлæ нымæцæй уыдысты ирай­наг адæмтæй бирæ къаддæр. Ирайнаг æвзæгты ‘хсæн æппæты рагондæрыл ны­мад у «авестæйаг». Йæ заманы авестæйаг æвзаг бæлвырдæй куыд хуынди, уый бæрæг нæу. Фæлæ йыл Авестæ фыст кæй æрцыди, уый тыххæй йæ схуыдтой авестæйаг. Авестæйы сфæлдисæг адæм та сæхи нымадтой ариæгтыл. Уыцы ра­гон æвзаг банымайæн ис ирон æвзаджы райдиан хуызыл. Æмæ канд ирон æвзаджы мадæл нæу уыцы æвзаг, фæлæ æппæт нырыккон ирайнаг æвзæгты мадæл дæр.

Авестæ йæ заманы арæзт уыди 21 чиныгæй, баззадис дзы 4, – уыдон дæр æнæхъæн не ‘сты. Иннæтæ алыхуы­зон аххостæй сæфт æрцыдысты. Фæлæ дзы махмæ цы æрхæццæ ис, уыдонæн дæр аргъ нæй. Авестæйы æппæты рагондæр хай хуыйны «яшттæ». Арæзт у 22 куывдæй. Яштты æвзаг æвдисы ирайнаг æвзæгты уавæр нæ дуджы агъоммæ I мин азы райдианты, ома æппын къаддæр 3 мин азы сыл цæуы [3, 129‑231]. Уыцы заман ирайнаг æвзæгтæ уыдысты бынтон иухуы­зон. Зæгъæн ис æмæ ирайнаг адæмты фыдæлтæ ныхас кодтой иу æвзаджы ныхасздæхтыл [1, 140‑144]. Уымæй уæлдай ма ахуыргæндтæ куыд сбæрæг кодтой, уымæ гæсгæ авестæйаг æвзаг иуыл стырдæр хæстæгдзинад æййафы скæсæн ирайнаг æвзæгтимæ. Афтæмæй зæгъæн ис æмæ Уæрæсейы адæмты ‘взæгтæй ирон æвзагæй рагондæр нæй. Уæдæ æппæт дунейы дæр æртæ мин азы кæуыл цæуы, ахæм æвзæгтæ стæм ис.

Зæгъæм, уырыссаг, гуырдзиаг, со­михаг æвзæгты уавæр V æнусы размæ сбæрæг кæнæн нæй, мæхъæлон, кæсгон æмæ Кавказы бирæ æвзæгты истори 200 азæй фылдæр нæу, æмæ афтæ дарддæр.

Тынг рагон истори ма ис китайаг, цæгат-индиаг, грекъаг, семитаг æмæ иу цалдæр æндæр æвзагæн.

Нырыккон ирайнаг æвзæгты фылдæр хайæн кæрæдзиимæ ис зынгæ хæстæгдзинад. Фæлæ дзы иуæй иутæ кæрæдзимæ кæнæ тынг хæстæгæй баз­задысты, кæнæ дзæвгар адард сты. Зæгъæм персайнаг æвзаг тынг æнгæс у таджикаг, дари æмæ мазандарайнæгмæ, Памиры шугнанты æвзаг – рушайнагмæ, æмæ афтæ дарддæр.

Ирон æвзагмæ æппæты хæстæгдæр нымад цæуы согдияг æвзаджы байзæдтаг ягнобаг æвзаг. Фæлæ бæлвырдæй бынтон афтæ нæу. Аххос уый мидæг ис æмæ ягнобаг æвзагæн йæ дзырдуат тынг кадавар у, цы дзырдтæ сæм ис, уыдонæн дæр сæ 90 % ист æрцыдысты таджикаг æвзагæй. Бирæ ивддзинæдтæ æрцыдис грамматикæйы дæр. Иуныхасæй, ягнобтæ сæ рагон æвзаджы хицæндзинæдтæ тынг æвзæр бахъахъхъæдтой, æндæр ягнобты æвзаджы фыдæл – согдиаг æвзаг, иронмæ у тынг хæстæг [4, 347‑514]. Ноджы хæстæгдæр иронмæ уыдис рагон хорез­маг æвзаг, суанг бамбарыны онг. Фæлæ хъахъхъæд не ‘рцыди æмæ ныртæккæ Хорезмы адæм се ‘ппæт дæр ныхас кæнынц тюркаг æвзагыл. Хъыгагæн, хо­резмаг æвзагыл фыст документтæ дæр тынг цъус баззади, æмæ йын йæ дзырду­ат бæлвырд нæ зонæм [1, 210‑211].

Зынгæ хæстæгдзинад нæм æййафынц Памиры æвзæгтæ дæр. Памираг æвзæгтæм хауынц шугнай­наг, ишкашимаг, ваханаг, язгуломаг, мунджайнаг æмæ ма иу цалдæр. Ацы ‘взæгтæ сæ лексикæ ягнобтæй бирæ хуыздæр бахъахъхъæдтой. Ирон адæймагæн йæ бон бамбарæн у канд бирæ памираг дзырдтæ нæ, фæлæ ма цыбыр хъуыдыйæдтæ дæр. Зæгъæм иш­кашимаг æвзагыл «хъуг радуц» уыдзæн «гъог рыдоша», «махмæ дæс карчы уыд» – «мыхпо дос кырчин выд».

Ваханаг æвзагыл «æз ныр Хорогмæ (горæт) рацæудзынæн» уыдзæн «вуз нив Хорыгыр рачывым» [5].

Иуæнгæс дзырдты нымæц та хæццæ кæны сæдæгæйттæм.

Йæ грамматикæмæ гæсгæ нæм хæстæг у пуштунаг æвзаг дæр. Зæгъæм ирон æвзаджы мивдисæджы разæфтуантæм тынг хæстæг сты уыцы функцийы пуштунаг разæфтуантæ [6].

Ныгуылæн ирайнаг æвзæгтæ дæр хæстæг сты иронмæ, уæлдайдæр белуд­жаг æвзаджы лексикæ.

Не ‘взаг ирайнаг æвзæгтæм кæй хауы, уый бамбарынæн стыр дæсны уæвын нæ хъæуы, хуымæтæг ахуыргонд адæймаг дæр æй æнцонæй бамбардзæн.

Махæн, ирон адæмæн, не ‘взаг хъуамæ нымад уа уæлдай стыр хæзнайыл, уымæн æмæ Абайты Васойы ныхасмæ гæсгæ не ‘взаг у нæ истори дæр [2]. Хъыгагæн ирон адæммæ рад­жы заманы хъæздыг фыссынад нæ уыди, æмæ нæ историйы бирæ цаутæ фиппайдгонд не ‘рцыдысты.. Нæ исто­ри хуыздæр бамбарынæн стыр ахъаз кæны æвзаджы æрмæг.

Ирон æвзагимæ баст у скифты, сæрмæтты æмæ аланты проблемæ дæр.

Ныртæккæ, сæ ном цалдæр сæдæ азы размæ историйы бæрæг дæр кæмæн нæ уыд, уыдонæй бирæ адæмтæ сæхицæн мысын райдыдтой хъæздыг истори. Æмæ уыцы темæйыл бирæ чингуытæ мыхуыры дæр рауагътой. Айхъуысын кодтой скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ, дам, ирæтты фыдæлтæ уыййас не ‘сты, мах фыдæлтæ цас сты. Ацы мæнг хъуыдытæ айдагъ æвзаджы æххуысæй дæр æнцонæй фæиуварс кæнæн ис. Скифты, æмæ уæлдайдæр та аланты æвзаг сусæг æмæ æнæзынд нæ уыд, баззадис ыл дзæвгар фыст æрмæг. Æмæ уыцы æрмæджы нæдæр мæхъхъæлон, нæдæр цæцæйнаг, нæдæр кæсгон, иу дзырд дæр нæй. Аланты æмæ скифты ‘взагмæ цыдæриддæр æрмæг хауы, уый иууылдæр арæзт у ирайнаг æвзагыл, йæ иунæг байзæддаг та у ирон æвзаг. Кæй зæгъын æй хъæуы, алантæн сæ кæцыдæр къордтæ бирæ адæмты ге­незисы стыр бынат ахсынц – уый исто­рийы дæр фиппайдгонд æрцыди. Фæлæ ацы факт бар нæ дæтты уыцы адæмтæн аланты, кæнæ скифты комкоммæ сæ фыдæлтæ рахонын.

Цы уавæры ис уæдæ ныртæккæ та ирон æвзаг? Комкоммæ куы зæгъæм, уæд ис тынг зын уавæры. Не ‘взаг йæ функцитæй сæ фылдæрæй цухгонд æрцыди. Ныртæккæ хъуыддагкæнынады ирон æвзагæй æппындæр пайда­гонд нал цæуы. Нæ хицауадæй, нæ разамонджытæй искуы-иуæн йедтæмæ иронау йæ бон раныхас кæнын нал у. Ирыстонмæ æрбацæугæйæ, адæймаг æмбаргæ дæр нæ бакæндзæн, национа­лон республикæ у, æви Уæрæсейы исты уырыссаг область – иронау фыстытæ канд горæты нæ, фæлæ хъæуты дæр стæм хатт йедтæмæ фенæн нал ис. Скъо­латы ма архайынц ирон æвзагмæ цæст дарын, фæлæ фылдæр ран зæрдиагæй нæ кæнынц уыцы куыст. Директортæн бар лæвæрд кæм æрцæуы, уым ар­хайынц ирон æвзаг программæйæ бынтондæр сисын. Ома, дам, ирон æвзаджы сахæттæ дзæвгар кæй сты, уый аххосæй нæ иумæйаг паддзаха­дон фæлтæрæнты бæрæггæнæнтæ раз­ынынц тынг лæмæгъ. Фæлæ уым ирон æвзаджы азым цы у? Уый аххос кæнын æй нæ хъæуы.. Ахуырадон куыст ны­выл арæзт куы уа, уæд бæрæггæнæнтæ дæр бæрзонддæр уыдзысты. Адæймаг та цас фылдæр æвзæгтæ зона, уый­йас йæ хъуыдыкæныны фæрæзтæ дæр парахатдæр уыдзысты. Хъуыстгонд ахуыргонд адæймæгтæ бирæ æвзæгтæ хуымæтæджы нæ ахуыр кодтой, уый йедтæмæ уыдон тæлмацгæнджытæ не ‘ссардтаиккой сæхицæн?!

Ирон æвзаджы грамматикæйыл дзæвгар бакуыстой бирæ хъуыстгонд ахуыргæндтæ. Фæлæ ныры рæстæгмæ ирон лексикæйыл æнæхъæнæй дæр чи аххæсса, ахæм дзырдуæттæ арæзт нæма æрцыди. Цы дзырдуæттæ ис, уы­доны арæх бирæ дзырдтæ ссарæн нæй. Дзырдуæттæ кæрæдзимæ абаргæйæ иуцасдæр æнтыстджындæр у дыгурон-уырыссаг дзырдуат, кæцыйы ссарæн ис арæх кæмæй нæ пайда кæнæм, ахæм ирон лексикæ. Ирон æвзаджы райрæзтæн уыцы дзырдуаты лексикæйæ спайда кæнын æвзæр нæ уаид.

Сыгъдæг иронау дзурын чи зоны, уыдоны нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Горæты нæ, фæлæ ма хъæуты дæр ирон адæм ныхас кæнын райды­дтой хæццæ уырыссаг-иронау, ома цалдæр ныхасы иронау фæзæгъынц, цалдæр та уырыссагау, æмæ дзы рау­айы лексикон арвистон. Нæ афæлгæст куыд æвдисы, афтæмæй ирон активон лексикæйы нымæц æрхаудта 400‑500 дзырдмæ, иннæ ирон дзырдтæ кæд æмбарынц, уæддæр дзы ныхасы пайда нал кæнынц. Ивы ирон фонетикæ дæр æмæ сæрмагонд ирон зæлтæ æнгæс уы­рыссаг зæлты хуызæн дзурынц.

Иуцасдæр фæкарз сты ирон æвзаджы диалектты æмæ ныхасæздæхтыты æхсæн ахастдзинæдтæ.

Арæх фехъусæн ис ирон, дыгу­рон, кæнæ хуссары диалектты ныхмæ хъуыдытæ.

Дæнцæгæн, пуштунаг æвзаджы уавæр дæр кæмдæр ирон æвзаджы æнгæс у, уым дæр ис цалдæр диалек­ты, уыдонæй дыууæ нымад сты лите­ратуроныл, æмæ дзы кæмфæндыдæр пайда кæнынц. Уымæй уæлдай иннæ диалекттыл дæр радио æмæ телеуыны­нады дæр ныхас кæныны бар ис. Æмæ уыцы хъуыддаджы ныхмæ ничи ницы дзуры. Цы диалект нал хъæуа, уый цард йæхæдæг фæиуварс кæндзæн, æмæ ууыл тыхæй архайын нæ хъæуы, алы диалектæн дæр æмæ ныхасæздæхтæн дæр ис йæхи аив фæзилæнтæ, уыдоны бындурыл рæзы æмæ йæ хъару фылдæр кæны иумæйаг литературон æвзагæн.

Кæронбæттæн зæгъæн ис, æмæ ирайнаг æвзæгты æхсæн ирон йæ дис­саджы хæдхуыздзинадæй ахсы тынг ахсджиаг бынат. Куыст дæр ыл бирæ æрцыди. Ныронг хаудта ирайнаг æвзæгтæн сæ ахсджиагдæр æмæ рæзгæ къордмæ. Фæлæ ныртæккæ сындæггай лæмæгъæй-лæмæгъдæр чи кæны, уыцы ирайнаг æвзæгты къорды æхсæн фи­дар бынат бацахста. Дарддæр афтæ куы уа, уæд бынтондæр æрхаудзæн дык­каг, ома сæфыны къахыл цы ‘взæгтæ слæууыдысты, уыцы къордмæ. Цæмæй уый ма ’рцæуа, уый тыххæй æппæт ирон адæм дæр, цы цæгаты, цы хус­сары, хъуамæ фидар фæлæууой, æмæ Уæрæсейы æппæты рагондæр æвзаг, йе сфæлдисæг адæмы историйы удыгас æвдисæны, амæлын ма бауадзой. Уый нæхицæй аразгæ у.

1. Оранский И. М. Введение в иранскую филологию. М.: Наука, 1988.

2. Абаев В. И. Осетинский язык и фольклор. М.‑Л., 1949. Т. I.

3. Основы иранского языкознания. Древнеиранские языки. М.: Наука, 1979.

4. Основы иранского языкознания. Среднеиранские языки. М.: Наука, 1981.

5. Пахалина Т. Н. Памирские языки. М.: Наука, 1969.

6. Асланов М. Г. Афганско-русский словарь (пушту). М., 1966.

 

скачать статью PDF