Новая версия сайта Перейти
Russian (CIS)English (United Kingdom)
ISSN 2223-165X

СЕВЕРО-ОСЕТИНСКИЙ ИНСТИТУТ ГУМАНИТАРНЫХ И СОЦИАЛЬНЫХ ИССЛЕДОВАНИЙ
им. В.И. АБАЕВА — ФИЛИАЛ ФГБУН ФЕДЕРАЛЬНОГО НАУЧНОГО ЦЕНТРА
«ВЛАДИКАВКАЗСКИЙ НАУЧНЫЙ ЦЕНТР РОССИЙСКОЙ АКАДЕМИИ НАУК»

 

ИЗВЕСТИЯ СОИГСИ


Б. Хозиты АДÆЙМАГ. АХУЫРГОНД. УДГОЙМАГ Печать

(Гуыриаты Тамерланы зонадон-сфæлдыстадон фæлгонц)

В статье сделана попытка написания научно-творческого портрета одного из организаторов Российской академии наук, главного научного сотрудника СОИГСИ, Заслуженного деятеля науки РСО-Алания и Российской Федерации, доктора филологических наук, профессора Тамерлана Александровича Гуриева. В ней подчеркивается значимость работ ученого в области осетинского языкознания, ономастики, фольклористики, этимологии и лексикологии, его роль в теории и практике лексикографического описания осетинского языка. Т. А. Гуриев обращал внимание на нерешенные проблемы осетиноведения, со всеми трудностями их комплексной разработки. Ему помогало и то, что он сам, кроме родного осетинского, русского и монгольского, знал еще несколько иранских, славянских и западноевропейских языков. Анализируя научное наследие Гуриева, автор делает акцент на природном таланте ученого, выделяет его глубокий ум, научную эрудицию, страстную увлеченность своим делом, отмечает необычайную широту интересов, энциклопедические знания и целостность научного мировоззрения. В статье также обосновывается умение Гуриева работать с молодыми исследователями и анализируется вклад, сделанный ученым в развитие науки в качестве председателя Ассоциации ученых РСО-Алания. Акцентируется внимание на деятельности Гуриева как популяризатора науки, его роль по объединению и консолидации литераторов республики, издательская, переводческая и широкая общественная деятельность.

Ключевые слова: Тамерлан Александрович Гуриев, научное наследие, осетинское языкознание, фольклористика, труды по лексикологии, этимологии, ономастике.

 

Адæймаг, ахуыргонд, удгоймаг!.. Ахæм хæрзæгъдау уды фæндагыл йæ бон ацæуын бавæййы, зонад, цард æмæ хъысмæты фæлварæнты чи сфæлтæры, æрмæстдæр уыдонæн. Фæлæ-ма уыцы удварны хицау йæ цард мадæлон æвзагимæ куы бабæтты, уæд-ма сæм ноджыдæр бафты иу бæрнон хæс — удуæлдай куыст ныхасы фарн æмæ фыдыбæстæйы сæрвæлтау. Ахæм, Хуыцауæй арфæгонд, лæджы размæ, æнæмæнгæй, сыстынц æппæтадæмон хæзнаты домæнтæ, Æнусты тыгъдады чи бахсыст, уыдоны æмвæзадыл цæуын та алкæй къухы нæ бафты, уымæн æмæ уый тыххæй хъуамæ дæ цард æгасæй дæр æрхæссай нывондæн мадæлон æвзагæн. Æрмæстдæр ахæм сæрнывонды фæстæ ссарæн ис фæндаг адæмы зæрдæмæ, дзыллæйы бæллицтæм, историон хъуыдæгмæ.

 

Гуыриаты Алыксандры фырт Тамерлан — ирзонынады номдзыд иртасæг æмæ адæмон сфæлдыстады, ирон æвзагзонынады алы къабæзты: этимологи, ономастикæ, лексикологийы — зонадон иртæсæнты амидингæнæг, филологон наукæты доктор, профессор, цалдæр дунеон академийы æцæг уæнг (академик), Уæрæсейы Федерацийы зонады сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл Гуманитарон иртæсæнты институты æвзаджы хайады сæргълæууæг, Гуырдзыстоны наукæты академийы Арнольд Чикобавæйы номыл дунеон премийы лауреат, газет «Рæстдзинады» Гæдиаты Цомахъы номыл премийы лауреат, Национ преми «Нарты фæткъуыйы» лауреат — йе ‘цæг дунемæ бацыд цалдæр азы размæ. Фæлæ йæ фарн баззадис йæ иузæрдион бæстæйæн. Фæлтæрдджын ахуыргонд барджынæй бацахста ирзонынады зынгæдæр бынæттæй иу. Куыд нæхимæ, афтæ йæ фæсарæнты дæр базыдтой, энциклопедион зоныдзинæдтæ кæмæ ис æмæ æххæст зонадон дунеæмбарынады хицау чи у, ахæм ахуыргондæй.

Нæ номдзыд æмзæххон райгуырд 1929 азы Тъæнджы мæйы 3 бон Цæгат Ирыстоны, Мæздæджы районы Ног-Джиорджийы хъæуы. Ам, йæ райгуырæн хъæуы, фыццаг хатт бакъахдзæф кодта бынæттон астæуккаг скъолайы къæсæрæй, æмæ уæдæй фæстæмæ ахуырад æмæ зонынад систы йæ царды сæйраг нысæнттæ. 1939 азы йæ ныййарджытæ сæ дарддæры цæрæн бынатæн равзæрстой Дзæуджыхъæу. Уымæ гæсгæ Тамерлан йæ ахуыр адарддæр кодта Ирыстоны сæйраг горæты 10‑æм астæуккаг скъолайы. 1945 азы ссис ЦИПИ-йы фæсарæйнаг æвзæгты факультеты англисаг хайады студент. Æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 1949 азы. Гуырийы-фырт канд иттæг хорз нæ ахуыр кодта, фæлæ зæрдæргъæвдæй архайдта студентты зонадон-иртасæн куыстыты. Сæ цæст ыл æрæвæрдой йæ ахуыргæнджытæ æмæ йын 4 курсы йе ‘ргом здахын райдыдтой педагогон куыстмæ. Йæхи арæхстджынæй кæй равдыста, уымæ гæсгæ йæ ахуыры фæстæ кусынмæ райстой англисаг æвзаджы кафедрæйы ахуыргæнæгæй. Æрыгон курдиатджын лæппуйыл сæ цæст æрæвæрдтой канд Къостайы номыл пединституты разамонджыттæ нæ, фæлæ горæты фæскомцæдисон организаци дæр. Æмæ йæ 1949 азы Кæфты мæйы равзæрстой ФÆЛКЦ-йы Дзæуджыхъæуы горкомы нымæрдарæй.

Æрмæст ын фæскомцæдисон куыст йæ зæрдæ нæ балхæдта, æмæ фæстæмæ раздæхт ахуыргæнæджы дæсныйадмæ. Дыууæ азы фæстæ ссис Мæскуыйы Ломоносовы номыл паддзахадон университеты Иумæйаг æмæ абарстон æвзагзонынады кафедрæйы аспирант. 1955 азы райдианы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци æмæ фæстæмæ кусынмæ æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ. Йæ мадæлон факультеты йын уайтагъд рахатыдтой канд йæ зонадон æнтыстдзинæдтæ нæ, фæлæ йæ разамонæджы курдиат дæр. Æмæ йæ цалдæр мæйы фæстæ равзæрстой фæсарæйнаг æвзæгты факультеты деканæй. Зæрдæргъæвдæй дзы бакуыста цыппар азы (1955-1958). Уыцы-иу рæстæг Тамерлан æнтыстджынæй архайдта зонадон куысты. Цыбыр рæстæгмæ йæ ном айхъуыст æвзæгты æхсæн бастдзинæдты арæхстджын иртасæгæй. Йæ кандидатон диссертаци [1] æмæ цалдæр зонадон уацы равзæрста ирон лексикæйыл уырыссаг æвзаджы æндæвдады фарстытæ [2]. Йæ фыццаг монографийы («Уырыссаг æвзаджы æндæвдад ирон лексикæйы рæзтыл») дæр ныхас цыдис уый фæдыл [3]. Ацы зонадон-иртасæн куыстыты ирон ахуыргонд равдыста фæлтæрд иртасæджы курдиат: бакаст æмæ равзæрста оригиналон æмæ тæлмацгонд литературæ; уымæй уæлдай-ма сахуыр кодта ирон фыссынады фæдыл зонадон периодикæ суанг йæ равзæрдæй фæстæмæ.

Сæрмагондæй бацамонын хъæуы, Гуыриаты Тамерлан ирон æвзагыл уырыссаг лексикæйы æндæвдад бындуронæй кæй раиртæста, уый. Ома, иу æвзаджы дзырдуаты къæбицы фæрцы — иннæ, æндæрæвзагон, дзырдтæ æмæ раззæгъæнтæ исыны фæрцы фразеологон æмиуæдты иумæйаг уагæвæрдтæ куыд хъæздыгдæр кæнынц, уыцы бæлвырд хъуыды. Æртынæртæаздзыд ахуыргондæн уый уыдис стыр зонадон æнтыст. Ирон æвзаджы зындгонд иртасæг, профессор Агънаты Æхсар бацамынд зонадон куыст хуымæтæджы не схуыдта «ног æвæрæн уырыссаг æмæ ирон æвзæгты æмахастдзинæдты» райхалинаг фарстытæ алыг кæныны хъуыддаджы [4]. Уыцы зонадон æнтысты фæрцы арæхстджын ахуыргондæн йæ куысты бынат фæуæлдæр ис — æвæрд æрцыдис ЦИПИ-йы зонадон-иртасæн куыстыл дзуапдæттæг проректорæй (1958–1959), уый фæстæ та — иугонд историон-филологон факультеты деканæй (1959–1962). Уыцы бæрнон бынæтты куысты фæлтæрддзинад ын радта уæлдæр скъолайы конды æппæтцæдисон æмæ дунеон æмвæзадмæ схизыны фадат. 1961 азы Тамерлан ссис ССР Цæдисы минæвар ЮНЕСКО-йы дунеон семинары Швецийы бæстæйы, уый фæстæ азты та — куыста ЮНЕСКО-йы ахуырады Департаменты минæварæй Монголийы.

Йæ фыццаг зонадон-ахуырадон балцыты фæстæ ногæй кусынмæ æрбаздæхт Ирыстонмæ, æмæ иуæндæс азы дæргъы разамынд лæвæрдта англисаг æвзаджы кафедрæйæн (1964–1975). Уыцы-иу рæстæг 1972‑1975 азты уыдис фæсарæйнаг æвзæгты факультеты декан. Разамындон куысты уæлдай ма дыууæ азы уыдис ССР Цæдисы наукæты академийы Скæсæйнаг институты докторант. Дарддæр æй йæ хъысмæт æрбаппæрста филологон факультетмæ: ам авд азы разамынд лæвæрдта ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады кафедрæйæн. 1982 азы хуынд æрцыд ЦИНИИ-йы æвзаджы хайады сæргълæууæгæй æмæ йæ зæххон царды фæстаг бонты онг фыдæбон кодта уыцы бæрнон бынаты. Ам дæр уæрæх зонадон æхсæнад профессор Гуыриаты Тамерланы базыдтой ирон æмæ иумæйаг æвзагзонынады курдиатджын историк æмæ теоретикæй. Бирæ азты дзы зындгонд ахуыргонд лæууыд, зонадон ирзонынады цы вазыгджын иртасæн куыстытæ цыдис, уыдоны сæргъы. Уырнинаг дæнцæгæн æрхæссын æмбæлы зонадон-иртасæн æмбырдгондтæ: «Ирон филологи» [5], «Ирон æвзагзонынады лыггæнинаг фарстытæ» [6], «Ирон ныхасы культурæ», «Ирон ныхасы культурæ æмæ стилистикæ» [7; 8]. Ранымад фарстытæй алкæй тыххæй дæр Гуыриаты Тамерланмæ уыдис йæхи, зонадон æгъдауæй фидар хъуыды. Уыцы фарстытыл бирæ чи фæкуыста, уыдон дæр иу æрбацыдысты номдзыд ахуыргондмæ, цæмæй сын иртасынады ног фæзилæнтæ бацамона, уый тыххæй. Æмæ кæд тынг æнæвдæлон уыдис, уæлдайдæр та — фæстаг азты, уæддæр иу дзы алкæмæн дæр ссардта рæстæг баххуыс кæнынмæ.

Гуыриаты Тамерланмæ уыдис цалдæр оригиналон зонадон куысты ирон æвзаджы грамматикæйы фæдыл. Уыдонæй, фыццаджыдæр, бацамонын хъæуы «Ирон æвзаджы грамматикæ» дыууæ чиныгæй. Уыцы бындурон академион рауагъдæн номдзыд ахуыргонд ныффыста цалдæр сæргонды: «Æвастхъæр» [9], «Дзырды æмиуад, куыд синтаксисы предмет, афтæ» [10], «Дзырды æмиуад мивдисæгимæ сæйраг нысаны» [11]. 1989 азы та Исаты Мæхæмæт æмæ Гæбæраты Никъалаимæ ныффыста æмæ мыхуыры рауагъта «Нырыккон ирон æвзаджы лексикологи» [12]. Бацамынд куыст ногæй сахсджиаг кодта национ æвзагзонынады уыцы къабазмæ ирон ахуыргæндты цымыдис. Номдзыд иртасджыты иумæйаг куыст мыхуыры рухс куы федта, уæдæй нырмæ рацыдис цалдæр дæсазы, фæлæ уæддæр йæ зонадон ахадындзинад нæма фæдæлдæр. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Тамерлан абон дæр нымад у ирон æвзаджы грамматикæйы хуыздæр иртасджытæй иуыл. Национ грамматикæйы уыцы хайы тыххæй йæм ис йæхи сæрмагонд цæстæнгас, арф хъуыды æмæ вазыгджын зонадон хатдзæгтæ. Æппынфæстаг, йæ зонадон цымыдис ирон грамматикæмæ баст уыдис вазыгджын нысанимæ: индоевропейаг æвзæгты фæрцы нырыккон ирон ныхасы истори æмæ этимологи хуыздæр базонын. Æмткæй, Гуыриаты Тамерлан-грамматикæиртасæг хаудта, йæ зонадон иртасынæдты æвзаджы иумæйаг теорийæ — мадæлон æвзагзонынадмæ аргъгæнæг цæстæй чи касти, уыцы ахуыргæндты цыбыр къордмæ.

Гуыриаты Тамерланы зонадон агурæнты стыр бынат ахстой ономастикæйы фарстытæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй æвзагзонынады уыцы къабаз ахуыр кæны сæрмагонд нæмтты равзæрд, фæлæ уæды онг фаг иртæстгонд нæма уыдис. Курдиатджын ахуыргонд бирæ хъару æмæ тых бахардз кодта, цæмæй уыцы фарстон уавæр йæ бынатæй фенкъуыса, уый тыххæй. Æмæ канд йæхæдæг нæ, фæлæ ма уыцы куысты хайад райсынмæ сразæнгард кодта йе ‘мкусджытæй бирæты дæр. Уыимæ, цæмæй йæ бирæвæрсыг архайд бæстон-бæлвырд уагæвæрдыл ацæуа, уый тыххæй сарæзта дыууæ Æппæтцæдисон зонадон-практикон конференцийы: «Кавказы ономастикæ» æмæ «Ирайнаг ономастикæ». Бацамынд фарстон уавæры йæ бынатæй фенкъуысын кæныны хъуыддагæн стыр ахъаз фесты конференциты æрмæджыты иумæйаг æмбырдгонд «Кавказы ономастикæ» [13] æмæ йæ цалдæр хицæн зонадон куысты («Ирон нарты кадджыты ономастикæйы фарстытæ» [14], «Эпосы ономастикæйы ахуыр кæныны методикæ» [15] æмæ æндæртæ) мыхуыры рухс кæй федтой, уый. Уымæй уæлдай-ма ныффыста бирæ рецензитæ, разныхæстæ æмæ фиппаинæгтæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг зонадон куыстыты фæдыл. Ацы иртасынæдты ирдæй разындис, ахуыргонд æвзаджы рæзты мидæууæлтæ арф кæй сахуыр кодта, уый.

Гуыриаты Тамерлан стыр æвæрæн бахаста этимологиимæ баст фарстытæ иртасынмæ дæр. Йæ рæстæджы ирон нарты эпосы равзæрды тыххæй Абайты Васойы хъуыдыйы фарс рахæцгæйæ, номдзыд ахуыргонд æрхъуыды кодта ног теори алайнаг хъайтарон эпосы тыххæй. Уый фæрцы æмбæрстгонд æрцыдысты Нартиадæйы циклты равзæрдимæ баст фарстытæ. Уымæй уæлдай-ма сбæрæг кодта нарты эпосы хъайтартæй бирæты нæмтты равзæрд [16; 17; 18; 19, 20]. Æмæ йæхи равдыста сæрмагонд нæмтты æмæ рагон ныхæсты этимологон иртасынады дæсныйæ. Уыцы æппæт зонадон агурæнтæ ахуыргондæн систы, йæ докторон диссертацийы бындурыл мыхуыры цы монографи рауагъта, уый зынгæ хай. Чиныджы фыццаг рецензент, профессор Агънаты Æхсар æй хуымæтæджы нæ банымадта «Аланистикæ иртасынады стыр зонадон æнтыстыл» [21].

Йæ царды фæстаг дæсазы ахуыргонд зынгæ хъусдард аздæхта лексикографион куыстмæ. Æмæ дзырдуæттæ аразыны теори æмæ практикæ ссис йæ сæйраг зонадон нысæнттæй иу. Зындгонд куыд у, афтæмæй дзырдуæттæ аразын у æвзагзонынады зындæр хæйттæй иу. Фæлæ уæддæр Гуыриаты Тамерланы къухы бафтыд национ лексикографийы хуыздæр традицитæ адарддæр кæнын. Ирон ахуыргонд йæ рæстæджы ссис «Уырыссаг æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты» автортæй иу [22]. Уымæй уæлдай-ма ноджыдæр сарæзта цалдæр дзырдуатон чиныджы: «Цыбыр уырыссаг-ирон дзырдуат» [23], «Цыбыр ирон-уырыссаг æмæ уырыссаг-ирон дзырдуат» [24], «Чи у чи алайнаг Нартиадæйы» [25]; «Ирон-уырыссаг дзырдуат» — æн [26] та у йæ редактор æмæ йæ автортæй иу. Ис-ма йæм ноджыдæр цалдæр зонадон куысты лексикологийы вазыгджын фарстыты фæдыл.

Гуыриаты Тамерланы бирæвæрсыг зонадон сфæлдыстады (æдæппæтæй 280 куыстæй фылдæр) уырнинагæй æвдыст æрцыд номдзыд ахуыргонды уæрæх миддуне æмæ арф дунеæмбарынад. Хицæн ныхасы аккаг дзы у, рагон (ирайнаг æмæ санскрит) æмæ нырыккон (англисаг) æвзæгтæ хорз кæй зыдта, уый. Æндæр адæмты æвзæгтæ кæй сахуыр кодта, уый йын фадат лæвæрдта уæрæх зонадон литературæйæ (зæронд æмæ ног, национ æмæ кавказаг, фыдыбæстон æмæ фæсарæйнаг) пайда кæнынæн. Йемæ-иу чи дзырдта, уый-иу уайтагъддæр банкъардта, ирзонынады патриархимæ кæй ныхас кæны, уый. Ноджы-иу йемæ хæстæгдæр куы базонгæ ис, уæд та ма-иу йæхицæн сбæрæг кодта иу вазыгджын хъуыддаг: номдзыд ахуыргонд бæлвырд зоны зонадон нысаны уавæр, иртасынады цыд æмæ хъуыдыйы рæзт. Æмæ йын уый фадат лæвæрдта рæстæгмæйы фæзындтæ, æнусон чи у, уыдонæй хицæн кæнын ирзонынады æмæ, æмткæй, æвзагзонынады. Цæстуарзонæй сæ амыдта йæ ахуыргæнинæгтæн дæр, цæмæй æвзагиртасыны тыгъдады вазыгджын æмæ хуымæтæг фарстытæ сæ бон иртасын уыдаид, уый тыххæй. Фæлæ æппæты вазыгджындæр уыдысты йæ бындурон зонындзинæдтæ. Уæрæх æмæ алывæрсыг зонадон æмхицтæ Тамерланы нæ хъыгдардтой хуымæтæг, цæстуарзон æмæ фендджын адæймаг уæвынæн. Уыцы адæймагон æууæлтæ йын фадат лæвæрдтой адæмыл æууæндын æмæ æрыгон ахуыргæндты раст фæндагыл æвæрынæн.

Иумæйагæй Гуырионы зонадон бынтыл куы афæлгæсæм, уæд адæймаджы стыр цымыдис æрцахсы: цымæ йæ курдиаты тыхтæ æгæр нæ байтыгъта? Фæлæ æз иу адæймагæй разы дæн, йæ цард æмæ йын йæ зонадон архайд чи раиртæста, уыдонимæ. Алы ахуыргонды дæр зонадон фæзынд æмæ быцæу ныхасмæ хоны цымыдисы къахвæндаг æмæ сфæлдыстадон хæстæгдзинад. Кæддæр ацы уавæр йе ‘мкусджытæ схуыдтой «æнæаразгæ фæлмæнзæрдæйы уаг». Æмæ йын уыцы æнкъарæн сбæлвырд кодта йæ удгоймаджы хуыздæр æууæлтæ. Æцæг æм уый фаг нæ фæкаст æмæ-ма йæ царды фæстаг азты ноджыдæр уадзын райдыдта литературон-аивадон журнал «Хæххон дымгæ» — Уæрæсейы профессионалон литераторты цæдисы цæгатирыстойнаг хайады мыхуыры орган. Ахуыргонды ацы ног сфæлдыстадон фæзилæн хорзырдæм сагъæсы бафтыдта, йæ зонадон куыстытимæ бæстон зонгæ чи уыд, суанг уыдоны дæр.

Гуыриаты Тамерланы зонадон-иртасæн куыстыты тыххæй чи фæдзуры, уыдон-ма, уыцы-иу рæстæг, хъарм ныхæстæ фæзæгъынц йæ адæймагон æууæлты тыххæй дæр. Æнæмæнг-иу, уыцы миниуджыты фæрцы ссардта иумæйаг æвзаг куыд ахуыргæндты æрыгон фæлтæримæ, афтæ йæ рæстæджы рохуаты чи аззад, ахæм карджын иртасджытимæ дæр. Æмæ-иу æм дзы алкæмæн дæр разынди зæрдæлæууæн, ныфсæвæрæн æмæ æууæнчы ныхас. Мæ зæрдыл арæх æрлæууынц филологон наукæты кандидат, ЦИПУ-йы уырыссаг литературæйы кафедрæйы доцент Габысаты Светланæйы мысинæгтæ, Тамерлан ын йæ фыццаг зонадон куыст цæстуарзонæй куыд ныммыхуыр кодта, уый тыххæй. Ууыл дзурæг сты, зонадон редактор, разныхасы автор кæнæ чиныгаразæг кæмæн уыд, уыцы æмбырдгæндтæ дæр: «Ирон нарты эпосы ономастикæйы фарстытæ», «Æлборты Барысби æмæ кавказзонынад», «Кавказы ономастикæ» æмæ æндæртæ. Цал æмæ цал æрыгон ахуыргондæн ныммыхуыр кодта сæ фыццаг зонадон уацмыстæ, цал æмæ цал аспиранты сæвæрдта раст фæндагыл!

Нæ номдзыд ахуыргонды сфæлдыстадон бынтæ фæлгъаугæйæ, æнæ зæгъгæ нæй йæ зонадон æмæ аивадон куыстыты æвзаджы тыххæй. Йæ арфхъуыды рæнхъæвæрд ма-иу рæсугъд, хуымæтæг æмæ сурæтджын æвзаджы фæлгæты кæй бакодта, уый йын лæвæрдта уæлдай ахадындзинад. Куыд йæ фысгæ-зонадон, афтæ йæ дзургæ-амонæн ныхасыхъæд дæр йæ мидисмæ гæсгæ уыдис æцæг филолоджы дзырдыуаджы хуызæг. Тамерлан йæ мадæлон æвзаг канд бирæ нæ уарзта, фæлæ-ма дзы аив æмæ арæхстджынæй дæр пайда кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, Нарты кадджыты æвзаг дæр ын йæ авналæнтæ уæрæх кодта. Уымæ гæсгæ йын йе сныхас, йæ уацты æвзагæй фаг æхцонад æмæ æнцойад куы райсæм, уæд нæм афтæ фæкæсы, цыма дзырд йæхæдæг рацæуы ахуыргонды агурæнты размæ æмæ йæм мидбылты бахуды: «Мæнæ дæн, цы мæ кæныс, уый дæ бар у!». Æмæ та-иу дзы, æнæмæнгæй, ссардта ног ахорæнтæ, ног фæзилæнтæ, ног абарстытæ…

Зонадон сфæлдыстады психологи чи иртасы, уыцы ахуыргæндтæ афтæ бакæнынц, зæгъгæ, дам, билингвтæн (дыууæ кæнæ фылдæр æвзæгтыл чи фыссы æмæ дзуры, уыдонæн) ис сæрмагонд æмбарынад æмæ хъуыдыкæнынад. Æмæ уый, æцæгæйдæр, афтæ у: се ‘рыгон азтæй райдайгæйæ, иу æвзагæй иннæмæ æнцонæй кæй ахизынц, уый сын æххуыс кæны царды цаутæ уæрæхдæр уынынмæ. Номдзыд ахуыргонд, прозаик, критик, публицист æмæ тæлмацгæнæг Гуыриаты Тамерланы зонадон сфæлдыстад уымæн у ирд æвдисæн. Райгуырд Мæздæджы районы, ирон бинонты æхсæн, фæлæ схъомыл дыууæвзагон уавæры (фæстæдæр ма сæм бафтыдта англисаг æмæ æндæр æвзæгтæ). Йæ арæхстдзинад-ма уый мидæг уыдис, æмæ раздæр цæуыл фыста, уый-иу иуварс авæрдта, цасдæр рæстæджы фæстæ-иу æм сæрæй-къæхтæм ногæй æркасти, æмæ-иу æрмæстдæр уый фæстæ сæвæрдта кæронбæттæн хъуыдыйы нысан — стъæлф! Ахæм фæрсудзæнты-иу цы зонадон кæнæ аивадон куыст ауагъта, уый та-иу зæрдæхсайгæ нал уыдис. Уæвгæ ахæм иртасынады уагæй хъуамæ хайджын уа алы æцæг ахуыргонды æрмдзæф дæр. Фыдыбæстæ æмæ зонадмæ уарзт хъуамæ цыфæнды фæлварæнты сæрты дæр ахизын фæраза. Хæрзæгъдауджын цардарæзты мидæг Гуыриаты Тамерланы хуызæн удгоймаг алыхатт дæр АХУЫРГОНДÆЙ ФЫЛДÆР ВÆЙЙЫ. ХХ æнус йæ ныхмæвæрдтæ, революцитæ, хæстытæ æмæ æнæраст хъуыддæгтимæ Гуыриаты Тамерланы бирæвæрсыг сфæлдыстадыл афтæ тынг фæзындис, æмæ уымæ гæсгæ ахуыр кæнæн ис ирзонынады истори. Фæлтæрдджын иртасæг алыхатт дæр æвзаринаг æрмæгæн агуырдта ног хуызтæ æмæ фæрæзтæ. Йæ зонадон агурæнты мидæг та хæст уыдис реалистон зондахастыл. Тырныдта зонадон æмæ аивадон текстты хигъæдон равæрдмæ, æмæ æппæты цымыдисагдæр цы уыдис –сфæлдыстадон æмæ зонадон фарстытæм дæр архайдта ног цæстæй акæсын, йæ развæдгæнджытæ кæнæ йе ‘мдугон ахуыргæндтæ ныронг кæй нæ рахатыдтой, ахæм цымыдисаг фæзилæнтæ дзы сбæлвырд кæнын. Уый та дзурæг уыдис ууыл, æмæ Тамерлан стыр дæсныйадимæ, алыхуызон мадзæлтты фæрцы хъæздыгдæр кодта зонадон æмæ аивадон æрмæг. Ахуыргонд фыста æмæ фæлдыста æртæвзагон (ирон-уырыссаг-англисаг) уавæры, сахуыр кодта ирзонынады алы фæзилæн дæр, агуырдта дзуæппытæ ирон филологийы риссагдæр фарстытæн. Фæлæ фыццаджыдæр уыдис ирон адæймаг æмæ ирон ахуыргонд, кæд æй бирæтæ дунейы гражданин хуыдтой (æвæццæгæн, ЮНЕСКО-йы кæй куыста, уымæ гæсгæ), уæддæр.

Иухатт æй мæ цуры иу журналист куы бакъуыммæ кодта, адæмы уагæвæрды цавæр æууæлтæн аргъ кæнут, зæгъгæ, уæд ын Гуырийы-фырт радта ахæм дзуапп: «Куыстуарзон, рухсхæссæг æмæ хæрзæгъдау…». Уыцы миниуджытæ ахуыргонд йæ мады æхсыримæ кæй райста, уымæ гæсгæ йын тынг æххуыс кодтой царды дæр æмæ зонады дæр. Æппæтадæмон хæрзвæтк æмæ культурæйы хæзнатимæ хорз зонгæ кæй уыди æмæ сæ йæхицæн барджынæй кæй æрхион кодта, уый фæрцы йæм æрцыд æппæтадæмон бузныгад дæр. ХХ1 æнусы фыццаг дæсазоны Гуыриаты Тамерланæн дунеон наукæйы цы кад ис, уый тыххæй дзырдæуы цалдæр ахадгæ зонадон чиныджы. Зынгæ энциклопеди «Ведущие языковеды мира» («Дунейы раззагдæр æвзагиртасджытæ», йæ автор æмæ чиныгаразæг номдзыд лингвист А. П. Юдакин) зæххы къорийы номдзыддæр æвзаджы дæснытæй иуыл банымадта Гуыриаты Тамерланы. Æмæ не ‘мзæххоны тыххæй ныммыхуыр кодта стыр уац [27, 233]. Ахæм бæрзонд аргъ ын скодтой энциклопедийы «Ведущие языковеды Кавказского региона» автортæ дæр. Уым ирон ахуыргонды тыххæй лæвæрд æрцыд бæстон æмæ бæлвырд æрмæг [28, 147‑151].

Фæлæ ам бацамонын хъæуы, Тамерлан нæмттæ æмæ хорзæхтæм æвæлмаст цæстæй кæй каст, уый. Ирыстоны, стæй æгас бæстæйы дæр уæрæх хъуыстгонд уыдис, æппæты егъаудæр хæзнайыл ахуырдзау фæсивæд æмæ дзыллæйы бузныгад кæй нымадта, уыцы хабар. Мæнмæ гæсгæ, уый тыххæй æппæты растдæр ныффыста поэт, редактор æмæ публицист Боситы Ирбег йæ номарæн æмдзæвгæйы: «Æппæт адæмты мадæлтæ дæ схастой. / Цытджын дæ ды, нæ адæмон профессор…». Адæмон профессор… Æвæццæгæн, номдзыд ахуыргонды цард æмæ сфæлдыстадæн хуыздæр бæрæггæнæн зын ссарæн у.

Гуыриаты Тамерланы зонадон сфæлдыстад зæххы къорийы ахуыргæндтæм удæгас цымыдис кæй æвзæрын кодта, ууыл дзурæг сты, АИШ, Англис, Франц, Инди, Бразили, Аргентинæ, Швеци, Финлянди, Монголи, Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомих, Таджикистан, Узбекистан æмæ æндæр бæстæй цы бузныджы фыстæджытæ иста, уыдон. Номдзыд ахуыргонд йæ амæлæты размæ ахæм фыстæг райста англисаг антрополог Говар Ридæй. Уый Тамерланæн стыр арфæтæ ракодта, йæ куыстытыл ын цы рецензи ныффыста, уый фæдыл. Филологон зонадмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй йын 1998 азы Гуырдзыстоны наукæты академийы Президиумы уынаффæмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд Арнольд Чикобавæйы номыл дунеон преми. Уæрæсе æмæ фæсарæнты ахуыргæндтæ та йæ банымадтой абарстон æвзагзонынад æмæ иранистикæйы номдзыддæр ахуыргæндтæй иуыл. Æмæ уымæн бамбарæн ис: Гуыриаты Тамерлан дæсгай азты зæрдæргъæвдæй архайдта фыдыбæстон æмæ дунеон конференциты, иу æмæ дыууæ хатты йæхимæ не ‘рыхъусын кодта ахуыргæндты йæ арфхъуыдыджын раныхæстæй æмæ дардмæуынæг хатдзæгтæй. Уæдæ разамынд цы зонадон конференцитæн лæвæрдта, уыдон дæр-иу базмæлын кодтой филологон зонады хъуыды куыд нæхи бæстæйы, афтæ фæсарæнты дæр.

Гуыриаты Тамерланы ахадгæ бавæрæн æвзагзонынад, иранистикæ æмæ ирзонынадмæ æрмæст йæхи куыстытæй нæ фæуд кæны: ирон филологийы фыццаг къахдзæфтæ чи кодта, уыдонæн нæ номдзыд ахуыргонд уыдис ныфсы хос. Куырыхон адæймаг æмæ курдиатджын ахуыргонд уæвгæйæ, уый кæддæриддæр цæттæ уыдис баххуыс кæнынмæ — хъуыдыйæ, ныхасæй, хъуыддагæй. Куыд царды, афтæ зонады дæр уыдис хæдбындур, романтикон æмæ цæстуарзон уды хицау. Йæ удгоймагон архайд æнæхъæнæй дæр арæзт уыди дунемæ фарн æмæ фæлдзусад (гармони) хæссынмæ.

______________________________________________________

1. Гуриев Т. А. Влияние русского языка на развитие осетинской лексики в советскую эпох: Автореф. дис. … канд. филол. наук. М., 1954.

2. Гуриев Т. А. К оценке влияния русского языка на осетинский до Октябрьской революции // Ученые записки СОГПИ им. К. Л. Хетагурова. Серия: Филологические науки. 1958. Т. 23. Вып. 3. С. 327‑330.

3. Гуриев Т. А. Влияние русского языка на развитие осетинской лексики. Орджоникидзе, 1962.

4. Агнаев А. Влияние русского языка на осетинскую лексику // Социалистическая Осетия. 1963. 16 февраля.

5. Осетинская филология: Межвузовский сборник статей / Отв. ред. Т. А. Гуриев. Орджоникидзе, 1977. Вып. 1‑2.

6. Проблемы осетинского языкознания / Отв. ред. Т. А. Гуриев. Орджоникидзе, 1984. Вып. 1; Орджоникидзе, 1987. Вып. 2.

7. Ирон ныхасы культурæ / Под ред. Т. Гуриева. Орджоникидзе, 1989. Вып. 1. (на осет. яз.)

8. Ирон ныхасы культурæ æмæ стилистикæ / Под ред. Т. Гуриева. Владикавказ, 2001. Вып. 2; 2006. Вып. 3. (на осет. яз.)

9. Гуриев Т. А. Междометие // Грамматика осетинского языка. Т. 1: Фонетика, морфология / Под ред. Г. С. Ахвледиани. Орджоникидзе, 1963. С. 323‑329.

10. Гуриев Т. А. Словосочетание как предмет синтаксиса // Грамматика осетинского языка. Т. 2: Синтаксис / Под ред. Г. С. Ахвледиани. Орджоникидзе, 1969. С. 8‑15.

11. Гуриев Т. А. Словосочетание с глаголом в роли главного слова. Грамматика осетинского языка. Т. 2: Синтаксис / Под ред. Г. С. Ахвледиани. Орджоникидзе, 1969. С. 16‑49.

12. Гуыриаты Т. æмæ æнд. Нырыккон ирон æвзаджы лексикологи. Орджоникидзе, 1989. (на осет. яз.)

13. Ономастика Кавказа: Межвузовский сборник статей / Отв.ред. Т. А. Гуриев. Орджоникидзе, 1980.

14. Гуриев Т. А. К вопросам ономастики осетинского нартовского эпоса // Осетинская филология: Межвузовский сборник статей / Под ред. Т. А. Гуриева. Орджоникидзе. Вып. 1. С. 38‑48.

15. Гуриев Т. А. К методике изучения ономастики эпоса // Проблемы осетинского языкознания. Орджоникидзе, 1984. Вып. 1. С. 155‑159.

16. Гуриев Т. А. Историческая основа некоторых антропонимов в осетинском нартовском эпосе // Фольклор и историческая этнография. М., 1983. С. 107‑118.

17. Гуриев Т. А. К этимологии древнего термина АПСАТИ (АФСАТИ) // Этимология. 1985 / Под ред. О. П. Трубачева. М., 1988. С. 132‑134.

18. Гуриев Т. А. К проблеме собственных имен Нартиады // Проблемы осетинского нартовского эпоса. Владикавказ, 2000.

19. Гуриев Т. А. Наследие скифов и алан: Очерки о словах и именах. Владикавказ, 1991.

20. Гуриев Т. А. К проблеме генезиса осетинского нартского эпоса. Орджоникидзе, 1971.

21. Агнаев А. Слово о нартском эпосе // Социалистическая Осетия. 1972. 20 января.

22. Толковый словарь русского языка. Пособие для учащихся национальных школ. Л., 1982.

23. Гуриев Т. А. Краткий русско-осетинский словарь. Владикавказ, 1999.

24. Гуриев Т. А. Краткий осетинско-русский и краткий русско-осетинский словарь. Владикавказ, 2003.

25. Гуриев Т. А. Кто есть кто в аланской Нартиаде: Словарь. Владикавказ, 1999.

26. Осетинско-русский словарь. Владикавказ, 1993.

27. Юдакин А. П. Гуриев Тамерлан Александрович // Ведущие языковеды мира: Энциклопедия. М., 2000.

28. Юдакин А. П. Ведущие языковеды Кавказского региона. Энциклопедия. М., 2002.

 

скачать статью PDF