И.Т. Мæргъиты ИРОН НЫМÆТХУД Печать

Адæймаг фыццаг худ кад `скодта, уый зын зæгъæн у, уымæн æмæ худ дарыны `гъдау уæвынад кæны не замантæй фæстæмæ. Худ æй хъахъхъæдта уазалæй, къæвдайææмæ хурæй. Куыд бирææндæр адæмтæ, афтæ уæлдайдæр та ирон адæмы рагфыдæлтæ худæн стыр кад кодтой, уыдис сын табуйаг иннæ дарæсимæ абаргæйæ [1,146]. Уымæн æмæ адæймагæн йæ сæрæй уæлдæр ницы ис, æмæ уый уæлæ чи ис, уый та табуйаг уыд. «Ирон лæгæн йæ худ йæ сæрæй аппарын, канад сисын стыр тугкалды райдиан уыд,æмæ йæ уымæ гæсгæ йæхи йедтæмæ сисыны бар никæмæн уыд. Йæ худ-иу кæмæн систой, кæнад аппæрстой, уыцы лæг та æгадыл цыд нымад æхсæнады мидæг. Йета йæ искуы ныууадзын дар æгаддзинадыл цыд нымад» [2,1].

Ирон лæджы худ чъизи канод та æнцъылдтытæ, йе та æскъуыдтæй хæссын дæр æнæнымад лæджы нысан уыд æмæ йæ уымæ гæсгæ алчи дæр дардта сыгъдæг æмææмбæлон уагыл. Худæн уый бæрц кад уыд æмæ дзы хордтой ард дæр. Адæймаджы исты хъуыддаджы тыххæй куы азымджын кодтой, уæд-иу йæрæстдзинад æсбæрæг кæныны тыххæй, йæ худ кувæндонмæ бахаста æмæ ма-иу æй кæд фæстæмæ рахастаид, уæд-иу зæрдææхсаинагыл нал цыд нымад. Уыдис иу ахæмтæ дæрæмæиу кувæндонæй, мæнг уæвгæйæ, йæ худ чи рахаста. Уыд ахам хабар: Дзерантæй иу лæг цыдæр адавдта,æмæ йын загътой, кæд дæхи растыл нымайыс æмæ ды нæ уыдтæ, уæд Хисты дзуары дæ худ бавæр. Лæг йæ худ дзуары нывæрдтаæмæ дын æй дыккаг бон æнцад-æнцойæ рахаста. Сæхимæ куы раздæхт, уæд лæг фæндагыл æрхауд æмæ дзыхъмард фæцис. Афтæмæй йæ базыдтой, уыцы лæг къæрных кæй уыд æмæ дзыхъмард дæр уымæн фæцис [2, 2]. Цы лæгæн-иу йæ каистæ йæ худ бамбæхстаиккой, уый æгадыл цыд нымад, зæгъгæ,йын кад нæй æмæ йæхынджылæггаг скодтой [2,1]. Худ дарыны тыххæй бирæ загъдæуттææмææмбисæндтæ ис: «худ дарыны аккаг алчи нæу»,«лæг худæй у», «худæн кад хъæуы», «худы бын хъуамæ лæг уа», «кæд худ дарыс, уæд йын йæ кад дæр хъахъхъæн», «йæ худ кæлмæрзæнæй баивта», «йæ худæн кад кæнын нæ зоны» [3,44], сомы-иу цы лæг бакодта уый дзырдта «мæ худыстæн» кæд мæнг зæгъын, æ.а.д. Нæлгоймаджы худмæ бар нæ уыд сылгоймагæй бавнæлдтаит. Худ-иу хæдзары мидæг æвæрд уыд бæрзонд ран, сыгъдæг бынаты, бар нæ уыд æмæ йæм сывæллæттæ дæр бавнæлдтаиккой, уæлдай дæр та бинонты хицау чи уыд, ахæм нæлгоймагы худмæ.

Ирон лæгæн æнæ худæй цæуын худинагыл уыд нымад [1,46], уæлдайдæр та хъæубæсты мидæг, балцы цæугæйæ, зæгъгæ, худ чи нæ дары, уымæй цæй лæг ис. Худ-иу æрмæст ластой кувæндоны бын, фынгы фарсмæ бадгæйæ, сæйраг дæр та хуыцау æмæ зæдты ном аргæйæ, афтæ ма зианы уæлхъус лæуугæйæ. Ирон лæг æппыныдзух, худ кæй дардта æмææнæ худæй иу стæм хаттæй дарддæр кæй никуы уыд, уымæн дæр уыд йæхи аххосæгтæ: зын уавæрты цæргæйæ хæхбæсты, уазал, кæм къæвда,стæй ма ивгъуыд дуг иуыл тыхы заман уыд, æрвыл уысм дæр гæнæн уыд æмæ йæ хæсты сæр бахъуыдаит, йе та фæдисы цæуын. Уымæ гæсгæ йæ хотыхтææмæ йæ худ хъуамæ цæттæ уыдаиккой. Уыцы уавæрты цæргæйæ, худ сæрæй ист тынг стæм хатт цыд [4,45].

Ирон адæммæ нæлгоймаджы худтæ цалдæр хуызы уыдысты: куыд уæлдзарм худ — уæрыккы цармæй конд йæ хъуынимæ, дардтой йæ фылдæр зымæгон, ома уазал рæстæджы. Бухайраг худ — кодтой йæ бынаты, фæлæ хуыздæрыл нымад цыд Астæуккаг Азийæ хаст, арæзтой йæ нырма гуыбыны цы уæрыкк уыд, уый цармæй, уый та дардтой фылдæр фæрæзджын æмæ хъæздыг адæм, уæлдайдæр та балцы цæугæйææмæ исты стыр бæрнон хъуыдтагы рæстæджы, йæ аргъ та уыд иннæ худтæм абаргæйæ бирæ зынаргъдæр. Бухайраг худ цы æвзонг лæппуйыл уыд, уый нымад цыд бонджыныл, зæгъгæ«бухайраг худы хицау бацис». Цæрмын кæннод та Хæлын худ — тæнæг цармæй конд худ æнæхъуынæй, згъæр худ — хæстон лæджы худ, гæм худ — уый ныккæнгæйæ-иу адæймаг кодта æнæзынон, кодтой ма йæ кæлæнгæнджытæ дæр. Æфтæ ма нымæт худ — уый та дардтой фылдæр сæрдыгон хъарм рæстæджы. Цины æмæ бæрæгбонты фылдæр дардтой фæлурс нымæтхудтæ, зианы — ома хъыджы рæстæджы, та таргъуызтæ.

Нымæт худ нæ фыдæлтæм кæд фæзынд, уый зын зæгъæн у, фæлæ йæ скифтæ дæр кæй дардтой, уый нысан кæны историйы фыд Геродот дæр. Æрмæст скифаг нымæт худæн йæ уæллаг фарс уыд цыргъгонд, ома цъупп арæзт [5, 29], ирон нымæтхуд та сæрыл бадт æнгом, ома йæ къоппа уыд æмлæгъз.Стæй ма скифаг нымæтхудæн быдыртæ уыд, уый дæр бæлвырд нæу. Æмткæй сисгæйæ, нымæт худ зындгонд бирæ адæммæ у, уыцы нымæцы: Астæуккаг Азийы — казахтæм, туркментæм, каракалпактæм, киргизтæм, Кавказы — гуырдзымæ(суантæм, рацъагтæм), цæцæнмæ, мæхъæлмæ, дагъестаны адæмтæм, балхъармæ, хъæрæссейæгтæм, теркаг æмæ кубайнаг хъазахътæм,æфтæ маæндæртæмдæр.

Ирон нымæт худ сыхаг æмææндæр адæмты нымæт худтæй цасдæрбæрцæй хицæн кæны. Ироннымæт худæн ис стыр быдыртæ, йæ кæрæттæ сты хæрдмææздæхт, сæры тенкайыл бады æнгом. Йе стыр быдырты фæрцы, цæсгом хъахъхъæны хуры сыгъдæй. Æнгом гуырдзийаг(суайнаг) нымæт худ дæр бады сæры тенкайы уæлæ, фæлæ йæ быдыртæ сты хæрз чысыл, æмæ вæййынц бынмæ уагъд, цæсгомы та бынтондæр хурæй нæ хизы. Куыд цæуы бæрæг, афтæмæй суайнаг нымæт худæн быдыртæ фæстæдæр фæзынд, раздæр уыдысты æнæ быдыртæй, æхгæдта æрмæст сæры тенка. Рацъон худ дæр у суайнаг нымæтхуды хуызæнæрмæст уымæн йæ быдыртæ сты чысыл стырдæртææмæ суайнаг худау, уымæн дæр йæ быдыртæ сты бынмæ уагъд. Ис ма гуырдзымææндæр хуызæн нымæтхуддæр суайнаг худы хуызæн æрмæст уымæн æппындæр фæстийææмæ фæрсырдыгæйты быдыртæ нæй, чысыл быдыр ис æрмæст разырдыгæй, цæмæй цæстытæ хурæй æхгæд цæуой. Казахаг нымæт худ сæрыл æнгом нæ бады, цасдæрбæрцæй у бæрзонддæр, стæй йын кæд быдыртæ ис, уæддæр, разæй æмæ фæстийæ у уырдыгмæ уагъд, фæрсырдыгæйты та, ома хъусты сæрмæ хæрдмагомау. Æппæты æввахс дæр ирон нымæт худмæ лæууы хъæрæссейаг нымæт худ. Сæры тенкайыл уый дæр бады æнгом, йæ быдыртæ сты дардыл, ирон нымæт худау, фæлæ хæрдмæ схъæл нæ фæлæууынц, фылдæр хаттæй дардтой уырдыгмæ уагъд быдыртимæ. Цасдæрбæрцæй нымæтхуд зындгонд уыд цæцæнмæ дæр, иумийагæй цæцæйнаг нымæтхуд æввахс лæууыд рацъон нымæт худмæ.

Нымæт худы фæзындæн ахъазгæнæг уыд нымæтæууæрдын æрмдæсныйады фæзынд. Куыд хъуыды кæнынц ахуыргæндтæ, афтæмæй нымæтæууæрдыны фæзындæн ахъазгæнæг уыд, рагзаманты хъæттаг фыстæ сæ фист лæгæтты кæм калдтой, уым иу зæгъгæ, къуымбил къæхты бын над цыд æмæ зæгъгæ куыд фæстагмæ ыснымæт, ома æууæрст цыд. Уыцы нымæтгондæй-иу адæм ма лæгæтты куы цардысты, уæд пайда кодтой сæ быны фæлмæндæрæмæ хъармдæры тыххæй, ома дзы кодтой лыстæнтæ.

Иумийагæй нымæт æууæрдын фæзындаит адæймаг хъæддаг фысы куы æсхæдзарон кодта, уæдæй фæстæмæ. Хъæддаг фысы къуымбил, нæ уайы, уымæ гæсгæ хъуыд ног хæдзарон фысы мыггаг рауадзын. Уый тыххæй та хъуамæ уыдаит фосы дзугтææмææвзаргæ дæр фысы мыггæгтæй цæуæт уадзын. Дзугы хизгæйææмæ сæм хъус дарын æнæ бæхæй зын уыдаит, æмæ бæрæг куыд у, афтæмæй хъæддаг бæхы адæймаг æсхæдзарон кодта 7-8 мин азы размæ. Уымæ гæсгæ нымад цæуы, зæгъгæ, нымæт æууæрдыны æрмдæсныйад, куыд хæдзары æнæмæнг хъæуæг къухми, фæзынд уæлдæр куыд цыд нысан, афтæмæй, 7-8 мин азы размæ. Нымæтæууæрдыны æрмдæсныйад, куыд федтам, афтæмæйу у рагон фæзынд. Нымæт адæймаджы хъахъхъæдта уазалæй, уыдисын дарæс дæрæмæ хуыссæнгарз дæр. Нымæтæй арæзтой гауызтæ, къахы дарæс, голджытæ исты æвæрынæн, фæттææвæрæнтæ, æхсаргарды хæцæнтæ, уарттæ, бæхы саргъы бынæн æ.а.д. Æнæ нымæтæй нæ уыд уæвынад кæнын, цæугæ цард цы знæмтæ кодтой, уыдонæм. Кæд нымæты фæзындæн ахъазгæнæг уыдысты цæугæцардгæнджытæ, уæд дзы тынг уæрæхæй фæстæдæр пайда кæнын байдыдтой бындурон цæрджытæ дæр æмææппæт дунейы культурайы райрæзты йын ис стыр нысаниуæг.

Нымæт цы адæмтæм фæзынд фыццаджы дæр, уый быцæуаг у ахуыргæндты æхсæн, фæлæ сæ фылдæртæ сты хæст, зæгъгæ, фыццаджы дæр фæзынд рагон ирайнæгты знæмтæм. Археологон æрмæджытæм гæсгæ,æппæты рагондæр нымæт, кæцы сарæзта адæймаг, ссардæуыд Чысыл Азийы æмæ йæ нымайынц 3мин азыкконыл. Нымæт æууæрдын стыр уæрæхæй зындгонд уыд,цæугæ цард цы знæмтæ кодтой æмæ хохаг фосдарджытæ чи уыдысты, уыдонмæ: Фæскавказы, Ираны, Астæуккаг æмæ Чысыл Азийы, суанг Балканты æмæ Карпатты цæрджытæм.

Нымæт аразыны хъуыддаг тынг уæрæхæй бæрæг цæуы Нарты эпосы дæр, зыдтой уæйлаг нымæт æмæ бинаг нымæт, уыдис сæм нымæтын ехсытæ.

Геродот куыд нысан кæны, афтæмæй скифтæдардтой нымæт худтææмæ нымæтын хæдæттæ, сæ цатыртæ кодтой нымæтæй [5,32]. Скифтæм нымæт æууæрдыны æрмми тынг уæрæхæй зындгонд кæй уыд, уый ма нысан кодта Страбон дæр, зæгъгæ, скифтæ сæ цæугæ царды фæстиуæгæн цардысты нымæтæй конд цатырты æмæ сын æвæрд уыдысты уæрдæттыл [6,307]. Скифтæм нымæт æууæрдыны культура цы æмвæзадыл уыд, уый бæлвырддæрæй раргом Алтайы Пазырыкты обауты цы паддзахы ингæнтæ разынд, кæцытæахуыргæндты хъуыдымæ гæсгæ, хаст æрцыдысты 6-4 æнустæм нæ дуджы агъоммæ. Уым нымæтæй цы гауызтæ разынд, уыдон сæ кондмæ гæсгæ уыдысты нымæты конд нывæфтыды бæрзонд æмвæзадæвдисæн [7,121].

Нымæтæй конд гæрзтæ зындгонд уыдысты сæрмæттæм дæр.

Алантæ дæр нымæтæй уæрæхæй кæй пайда кодтой, уымæнæвдисæн у сæ уæртты æттаг фарсыл кæй уыд карды ныхмæ конд нымæт [8, 33]. Уæдæ куыд уынæм, афтæмæй нымæтæууæрдыны æгъдау нæ фыдæлтæм тынг уæрæхæй уыд зындгонд, кæцы æрхæццæ цасдæрбæрцæй сæ фæстагæттæм ирæттæм дæр. Стæй ма йæ райстой сæ фарсмæ цæрæг адæмтæ дæр. Дзырд «нымæт худ» равзæрд «нымæт» æмæ«худæй», ома нымæтæй арæзт худ.

Ныр та æркæсæм дзырд «нымæт»+ы равзæрды фæндæгтæм.Ирон дзырд нымæт равзæрд ирайнаг дзырд namata-йæ. Дзырд нымæт ирайнаг æвзагæй ист æрцыд æндæр ирайнаг æвзæгтæй равзæргæ знæмтæм, уыцы нымæцы, зæгъæм: персайнаг æвзагыл нымæт у namad? Белуджагау — navad? Авгайнагау — namla, памираг (согличийаг) æвзагыл — nimod, памираг (мунджайнаг) æвзагыл — namyo, памираг(ишкашиймаг) æвзагыл — namad, ягнобагау — namta, согдийагау — namad, авестийагау — nimata, рагон индийаг æвзагыл — namata, хиндийагау — namda. Ирайнаг æвзагæй ма бахауд бирæ æндæр æвзæгтæм: зæгъæм арабагау нымæт у — namat, мансийы æвзагыл — namat, венгрийагау — nemez, гуырдзийагау — nabadiæ æмæ а.д [9,202-203]. Иу ныхасæй, термин нымæт-æй пайда кодтой ирайнаг (скифаг) знæмты фарсмæ цы адæмы хатт цардысты, уыдон дæр. Ома кæд дзырд «нымæт» рагон ирайнаг æвзагæй бахауд æндæр æвзæгтæм, уæд ын йæ аразыны гъдау дæр райстой рагон ирайнаг знæмты минæвæрттæй. Дзырд «худ»+та равзæрд рагон ирайнаг дзырд «xauda» йæ, уырдыгæй истæрцыд æндæр ирайнаг æвзæгтæй равзæргæ взæгтæм: персайнаг, афгайнаг, памираг (ишкезаг), памираг (согдийаг), ягнобаг æмæ а.д. Ирайнаг æвзæгтæй ма дзырд худ бахауд æндæр `взæгтæм, куыд: сомихаг, гуырдзийаг, немецаг, англо-саксойнаг, латинаг æмææндæр æвзæгтæм [10,243-244].

Нымæт худ арæзтой уæрыккы къуымбилæй — уæргъуынæй, ома иу уæрыккы фыццаг хатт куы алвыдтой, уæд уыцы къуымбилæй. «Нымæт худтæ ма-иу кодтой сæгъы (сæныккы) тинтичъийæ дæр, уымæй арæзт худ уыд фæлмæндæр æмæ-иу сæ фылдæр дардтой бæрæгбонты» [11,98]. Уымæн æмæ уæрыккы къуымбил уыд фæлмæндæр. Нымæтхуды къуымбил-иу пичъитæй æмææндæр æндæдзæгтæй сыгъдæггонды фæстææхсад æрцыд цалдæр хатты донæй æмæ йæ стæй сур кодтой уæлхæдзæртты. Уый фæстæ ногæхсад къуымбилы-иу æсцагътой фæтдзæгъдæнæй, цæмæй хæмпусдæр уыдаит, стæй ма-иу æй бакодтой æхсынгæ дæр.

Цæмæй къуымбил æууæрст æрцыдаит нымæтхудæн, уый тыххæй иу æй хъиссыны уæлæ атæнæг кодтой. Хъиссыны та йæ уымæн тыгъдтой æмææууæрдгæ-æууæрдын хъуын хъиссыныл йæ дæрзæгы тыххæй хæцыд æмæ хуыздæрæууæрст цыд. Хъиссын уыд конд сæгъы хъис-иу бапырдтой, стæй та йæ кодтой æлвисгææмæ стæй уый фæстæ тынуафæныл уæфт цыд. Развæлгъауæй зыдтой нымæтуæртджытæ, цас хъуамæ уыдаит йæ уæз къуымбилæн, афтæ ма хъиссыны уæлæ цы бæзджынæн хъуамæ цыдаит тыд. Къуымбил — иу æмхуызон куы байтыдтой хъиссыны уæлæ, уæд æй хуылыдз кодтой тæвд сапон донæй, кæнод та туаг сылыйæ (хуырхæг). Стæй иу хъиссыны иу фарсыæрдыгæй ратыгътой æмæ йæ нымæтæууæрдджытæ дыууæрдæм размæ фæстæмæ сæ цæнгты хъултæй ратул батул кодтой зæххыл, хаттта ныллæг арæзт тæрхæгыл иу цасдæры бæрц. Рæстæгæй рæстæгмæ-иу йыл кодтой сапон дон, кæнод та туаг сылы(хуырхæг), цæмæй хуыздæр æууадаит. Иуырдæм иу цасдæры бæрц æууæрст куы æрцыд, уæд та иу æй сыхæлдтой æмæ йæ ныр та цæхгæрырдæм стыхтой æмæ йæныр та цæхгæрмæ дыууæрдæм ратул-батул кодтой. Нымæт æууæрдгæ-æууæрдын цæмæй рæстæг тагъддæр цыдаит, уый тыххæй-иу кодтой нымæтуæртджыты зарæг (кæс дæлдæр) онай-онайы зарæг. Нымæт иу иу цасдæр куы баруад, уæдта иу æй сыхæлдтой æмæ иу нымæтгонды дыууæвæлдахæй стыхтой хъиссынимææмæ та афтæмæй æууæрст цыд, уый фæстæ та иу æй сыхæлдтой æмæ та йæ цæхгæрмæ стыхтой хъисыны æмæ та афтæмæй æууæрст цыд. Фæстаг хаттма-иу нымæт æууæрстой цыппарвæлдахæй, ныр ма иуырдæм, стæй та иннæрдæм. Афтæмæй-иу нымæт куы райхæлдтой, уæд иу дзы рауад къусгонд.

Иумийагæй сисгæйæ, нымæт цас тынгдæр цыд æууæрст, уас нымæт уыд æнгомдæр, æгæрыстæмæй дзы къæвда дæр нæ хъардта. Нымæты хорз бæрæг кодтой кæд дзы дон нæ хъара иу дзæвгары бæрц, уæд уый дзурæг уыд йæ хæрзгъæддзинадыл æмæ йын уыд стырдæр аргъ.

Уый фæстæ иу нымæт худгонды сыгъдæгдонæй цалдæр хатты ныхсадтой, цæмæй йæ сапон дон ацыдаит æмæ йæ кодтой худыкъуыдыры уæлæ, цæмæй сæры кæхцы хуызæн рауадаит. Йæ былтæ-иу хæсгардæй лыг æрцыдысты. Нымæтхудæн йæ быдырты кæрæттыл хуыд цыдис хъуымацы кæттагæй, тæлыгонд, худы хуызмæ гæсгæ: урс, сау, цъæх кæннод æндæр хуызтæ. Худыл ма хуыдтой дыккаг тæлы æндахы кæннод та тæбыны хаутæй «быд» йæ быдыр кæхцæй кæм фæхицæн ис уым, цæмæй сæрыл аивдæр бадтаит æмæ ивæзгæ дæр ма кодтаит. Быд конд уыд æртæ, кæннод та авд тагæй, быдтой йæ къухы æнгуылдзтæй [2,3].

Нымæт худыл ма кæхцыл дзуарæвæрдæй дыууæрдæм уагътой дыууæ тæлыйы, уый дæр быдæй, фæлæ куыд рыхъуыстон, афтæмæй уыцы гъдау фæзынд æрæджы, раздарыл уыцы тæлытæ нææвæрдтой. Худы рагъыл ма хуыд цыд боцкъо дæр, æндахæй конд, фæлæ уый дæр æрæджы фæзыд.

Нымæт худ дардтой нæлгоймæгтæ, куыд хистæрæмæ астæуккаг кары, афтæ къаннæг лæппутæдæр æртæ аздзыдæй фæстæмæ.Нымæт худ алы комы дæр дардтой æндæр æмææндæр хуызæн, зæгъæм, хицæн кæмтты-иу æй разæй хæрдмæ йæ быдыртæ басчъил кодтой, кæм та фæрсырдыгæй, хатт та фæстæрдыгæй. Арæх ма йæ`счъил кодтой мидæмæдæр. Худ дарды хицæн хуызтæй ма иу уыд зулаив æй йæ дарын. Стæй ма-иу кæм худæн йæ быдыртæ уæлæрдæм уыдысты, кæм та уырдыгмæ уагъд йæ иу фарс [2, 4].

Профессор Дзаттиаты Русланы ныхæстæм гæсгæ Хуссары, уæлдайдæр та Дзомагъгом æмæ Урстуалты зылды, сæ худы конд бæрæг кодта уымæй,æмæ Дзомагъгомы нæлгоймæгтæ дардтой цыбыр быдыртимæ худтæ, Урстуалгомы нæлгоймæгтæ та стыр быдыртимæ конд худтæ.

Нымæтын худтæ уыдысты сæ хуызмæ гæсгæ алы хуызтæ: урсытæ, цъæхтæ, саутææмæ буртæ. Фæлæ иумийагæй сисгæйæ, фылдæр саухуыз худтæ дардтой. Ацы хуызтæ арæзтой уæрыккы къуымбилы хуызтæм гæсгæ сау, урс æмæ бур къуымбилæй. Цъæххуд (фæныкгъуых) арæзтой урс æмæ сау къуымбил-иу схæццæ кодтой æмæ-иу сæ иумæ бапырдтой, ахæм хуызы худаг къуымбил æмхуызон хæццææрцыд æмæ-иу радта цъæх хуыз. Иу ныхасæй,ацы цыппар хуызæй дарддæр ма æндæр хуызтæдæр уыд æмæ арæзт цыдысты сау, урс æмæ бур къуымбилтæй арвистон фæрцы [2,5; 2,6].

Нымæт худ тынг æхсызгонæй дардтой сæрдыгон æнтæф рæстæджы, цæсгомы хурæй судзынæй хъахъхъæдта, къæвда бонты та хуылыдзæй, уымæнæмæ дон нæ уагъта, æнæхъæн бон дыл къæвда куы фæцыдаит, уæддæр. Нымæт худæй ма-иу фæндаггонтæ нуæзтой дон дæр. Нымæт худ иу фæдывæлдах кодтой цыхцырмæ бадаргæйææмæ-иу æй афтæмæй сæ дзыхыл сдардтой.

Тынуæрдджыты зарæг

(мамысонгомы)

— Онай, зæгъæм, мæ хуртæ, онай,-

Тынуæрдæг зиууæтты онай!

Дыстæтылдæй, цæнгтæргъæвдæй —

Бæстон онай, уæззау онай!

Нæ ног тынæй дæргъæй уæфтмæ

Йе лвисинаг — фæсмкъуымбилæй.

Хæрзæхсадæй, хæрзæхсныстæй

Йæ пирджытæ — Уæзæфтауты

Ацырухстæ, Айсанатæ.

Йæ балвисæг Насыран уыд

Æддæгуæлæ мæсыджы сæр.

Æз амæлон, сымах цæрат,-

Кæд уый Тоццæ нæ ныуæрста!...

- Æцæг зæгъы, æцæг дзуры

Нæ буц æфсин — нæ амонæг!

Æмæ онай, рæвдздæр онай

Дыстæтылдæй, цæнгтæргъæвдæй! —

Кæд фидæны нæ чызджытæ

Лæг-амæндтææссариккой,

Нæ файнустытæ нæ чындзытæ

Тырынгуырдтæ ныййариккой! [12,64]

Нымæт уæрдыны зарæг

2-аг вариант

— Йæ, онай, йæауæрдут, уæрджытæ,

Йæ, онай, йæ, ауæрдут, мæ хуртæ!

Хорз лæджы нымæт у,

Бонджыны нымæт у.

Кусарт нын акæндзæн.

- Кусарт нын уанцон нæу,

Кусарт нæнæ хъæуы,

Сир нын-иу ыскæнæд,

— Ауæрдут, уæрджытæ,

Рогдæр ут, мæ хуртæ,

Уе уæнгтæ куы руагътат,

Гæдыйы хъуынæй

Æууайæгдæр куы у.

Цъæх хъусы бын та

Бæзджындæргæнæг куы у.

Зивæггæнаджы бын

Лæбырдтæгæнаг у.

Уе уæнгтыл æсхæцут,

Цырд дæр ут, уæрджытæ,

Уæрæстмæгæнæг,

Рæстмæ йæ фæкæнай.

Онай, йæ, онай,

Хæтæг лæджы нымæт у,

Мæйдар æхсæв боны хатт чи кæны,

Чызджыты ехсы бырынкъæй чи æвзары,

Чызджытæм йæ худы бырыæй чи кæсы,

Хохы айнæджы йæ риуæй чи кæны,

Паддзахы фидæрттæ зæвæтæй чи кæны,

Мынæйы рæгътыл хицæн фæндæгтæ чи кæны,

Уый ахæм хæтæг лæг у.

Ауæрдут, ауæрдут,

Уе уæнгтыл æсхæцут,

Уой, онай, онай, онай, зæгъут,

Онай, зæгъут, устытæ.

Ай ахæм лæджы нымæт у,

Дардыл хæтæг, хæстæгмæ хæссæг.

Йæ ехсы цæф, арвы цæлхъы хуызæн кæмæн у,

Йæ далысы хъохъо — хъыбылы хъыллист,

Ахæм лæджы нымæт у.

Йæ фæстæ акаст — мæсыджы хуызæн,

Йæ бæхыл бадгæйæ хохы хуызæн чи у,

Кæстæр чи у, фест æмæ мын хомамæст ракæн [13,221].

3-аг вариант

Онай, йæ онай, усгуры нымæт у.

Онай, йæ онай, усгур та ахæм у,

Онай, йæ онай, цæхæрцæст лæппу у,

Онай, йае онай, чызджыты æвзары

Онай, йæ онай, йæ ехсы бырынкъæй,

Онай, йæ онай, къул худы бынæй сæм

Онай, йæ онай, худгæбыл каст кæны [14, 81-86].

Мæ хъудытæ балхынцъ кæнын æмæ хæццæгтæ саразыны тыххæй мæ зæгъын цы фæнды

Нымæт худ аразыны æрмдæсныйад ирон адæммæ баззад скифты дугæй æмæ сыхаг адæммæ дæр зындгонд кæй уыд нымæтхуд аразыны æрмдæсныйад, уый та у дзурæг ууыл æмæ йæ кæй райстой ирон адæмы рагфыдæлтæй. Зæгъæм, комкоммæ дæр скифтæй бафтыд Астæуккаг Азийы адæмтæм, куыд казахтæм, киргизтæм, хъарахъалпахътæмæ.а.д. Уымæн æмæ ацы регионы зылды цæрджыты этносы комкоммæдæр стырхайбавæрд бахастой, куыд цæуы бæрæг, афтæмæй скифтæ-сæрмæттææмæ аланты знæмтæ, ома ирайнаг зæмты минæвæрттæ. Бæрæг куыд цæуы, афтæмæй Астæуккаг Азийы æмæ Ныгуылæн Сыбыры регионы уæвынад кодтой не замантæй фæстæмæуæлдæр загъдгонд знæмты минæвæрттæ.

Кавказы цæрæг адæмтæм дæр ирон адæмы рагфыдæлтæй кæй баззад, уый та дзурæг у ууыл,æмæ рагæй фæстæмæ дæр фæрсæй-фæрстæм кæй цардысты. Зæгъæм, гуырдзымæ, уæлдæр куыд федтам, афтæмæй нымæт хуыйны nabadi [9,203]æмæ худ та «kudi» Абайты У. куыд нысан каны афтæмæй уый дæр ист æрцыд ирайнаг взагæй [10,44]. Ирайнаг взæгтæй ма ист æрцыд вайнахаг æвзагмæ цæцæйнаг «куй» æмæ мæхъæлонау та «кий» ома худ. Уый та вдисæн у æмæ гуырдзы, мæхъæл æмæ цæцæн рагæй фæстæмæдæр кæй уæвынад кодтой ирон адæмы рагфыдæлты фарсмææмæ сын цасдæрбæрцæй се взаг æмæ сæ культурæйæ дæр райстой, уыцы нымæцы нымæт худы аразыны æрмдæсныйаддæр. Æмæ уым та диссагæй дæр ницы ис. Зæгъæм: суайнаг зæрæттæ ма бынтон æрæджы дæр хъуыды кодтой æмæ кæй цардысты Цæгат Кавказы [15, 113] фæмæ сын уым æнгом ахастытæ кæй уыдаит алантимæ, уый дæр дызæрдыккаг нæу. Стæй æнæуидæр гуырдзыйы зæнæмтæн(уыцы нымæцы рацъæгтæ дæр) тынг æнгом ахастыты уыдысты ирон адæмы рагфыдæлтимæ, сыуанг бынтон æрæджыйы æйæнгты. Сусæггаг нæу æмæ бирæирон мыггæгтæ гуырдзыйы æхсæн цæргæйæ кæй æсгуырдзийæгтæ сты æмæ се хсæн цæргæйæ дæргъвæтин рæстæджыты кæй райстой нымæт худы æрмдæсныйад æмæ бирæ дзырдтæ дæр. Мæхъхъæл æмæ цæцæнимæ дæр ирон адæмæн тынг æнгом ахастытæ уыд, алыхуызонæй дæр. Уыцы нымæцы абон мæхъæллон зæххыл Ассайы ком æмæ Дзæрæхы комы дæр ивгъуыд дугты сыгъдæг ирæттæ кæй цард æмæ стæй цадæггай куыд æсмæхъæлæттæ сты, уый дæр бæлвырд у. Уыйимæ ма алантæ цасдæр бæрцæй мæхъæллон этносы равзæрды ис хайбавæрд. Уымæ гæсгæ вайнахаг знæмты культурайы æмææвзагы ис алайнаг-ирон элементтæ, уыцы нымæцы нымæт худ аразыны æрмдæсныйад дæр. Хъæрæссе æмæ Балхъары дæр нымæт худы æрмдæсныйад бафтыд Алантæй, уымæн æмæ хъæрæссе æмæ балхъар æсты тюркаг æмæ аланты асимляцийы фæстиуæгæн цы знæмтæ равзæрд, уыдоны фæдонтæ, уымæ гæсгæ сæм Кавказы иннæ адæмтæм абаргæйæ тынг бирææмбæлы ирон (алайнаг) культурæйы æмææвзагы элементтæ. Стæй ма ноджы æвдисæн у уый дæр æмæ Кавказы иннæ адæмты уæлдай хъæрæссейæгтææмæ балхъайрæгтæ ирон адаммææввæхс дæр кæй сты, уымæ гæсгæ нымæт худы конд, уа диссаг нæ хицæн кæны, æрмæст уыдонæн фылдæр хатт худы быдыртæ здæхт уыдысты уырдыгмæ, ирæттæн та хæрдмæ. Нымæт худ ма зындгонд уыд Кавказы Хъубаны æмæ Терчы зылды хъазахъмæ дæр фæлæ бæрæг куыд цæуы афтæмæй сæуыдон кодтой æлхæнгæ ирон базаргæнджытæй. Ахæм хуызы ма бирæ адæмтæм у зындгонд цасдæрбæрцæй нымæтхуд аразын æмæ дарын, фæлæ уый дæр уыд уæлдæр загъдгонд культурон æндæвдады фæрцы. Ам мæн фæнды бахах кæнын уый æмæ адæмтæ фæрсæй-фæрстæм цæргæйæ, æндвдтой кæрæдзи культура æмææвзагыл. Уыцы нымæцы алы адæмтæдæрæрбайсгæ элементтæм сæ цардуагы фæстиуæгæн хастой сæхи хицæндзинæдтæ. Уыцы нымæцы ирон нымæт худ дæр, чи зоны, скифаг нымæтхудæй царды размæдзыды фæстиуæгæн цасдæрбæрцæй хицæн кæны. Уыйимæ ма йæирон адæмы рагфыдæлтæй чи æрбайста, уыдонмæ дæр фæзынд цадæггай худ аразыны хъуыддаджы хицæндзинæдтæ. Ахæм хуызы равзæрд ног хуыз нымæтхудты хицæн хуызтææндæр æмææндæр адæмтæм. Фæлæ нымæтхуд аразыны æрмдæсныйад, уæлдæр загъдгонд адæмтæм нæ рагфыдæлтæй кæй бафтыд, уый дызæрдыккаг нæу.

Ныртæккæйы дуджы нымæтхуд аразыны æрмми рохкæнын байдыдта, æнæхъæн Ирыстоны ма нымæт худтæ чи аразы, ахæм сылгоймæгтæ хæрз цъус баззад, фылдæр фæзынд станокæй конд нымæтхудтæ,æмæ уыдон та ирон нымæтхуды кондмæ дард лæууынц. Сты тæнæг, хур сæ кæсы, сæ быдыртæ иубон сконды фæстæ бынмææрхауынц, иннæмæй та сæ кæрæттыл хъуымацæй хуыд тæлы нал ис æмæ куы схуылыдзвæййынц, уæд мæгуыр лæджы цухъхъайы фæджджитау ныггæлиртæ вæййынц. Къоппайы уæлæ дæр дзуар æвæрд нал цæуы хуыд æндахы(тæбыны) быдтæ. Иу ныхасæй уыц афтæ хуыйнæг нымæтын худтæ ирон нымæтын худмæ дард лæууынц. Хорз уаит æмæ ма цалынмæ кæмдæрты чидæртæ уыцы æрмми имæ зонгæ сты, уæдмæ сыл кæстæр фæлтæры куы фæцайдагъ кæниккой, æвзæр нæ уаит ахуыргæнæндон дæр бакæнын, уыцы нымæцы рагон æрмдæсныйадты ахуыргæнææндон. Кæннод рохуаты баззайдзæн мин азтæ кæуыл цæуы, уыцы æмбисонды æрмдæсныйад æмæ уый та абуалхъми уыдзæн нæ фыдæлты рухс цæсгæмтты раз.


______________________________________________________
ИРОН НЫМÆТХУД - Исследование выполнено при поддержке РГНФ, проект №14-21-13001 «Инновационные ресурсы культурного наследия Северной и Южной Осетии».

1. Уарзиаты В.С. Элементы традиционного костюма в современном быту осетин // Вопросы осетинской археологии и этнографии. Орджоникидзе, 1980. Вып. 1. Т. 36.
2. Полевой материал автора:
2.1.  Информатор Наниты Чъичъикъо. 84 аздзыд. Начърепа. 2011 аз.
2.2.  Информатор Дзеранты. 82 аздзыд. Начърепа. 2008 аз.
2.3.  Информатор Саулохты Джиуæрджийы чызг Райя, Рукъ (Есетæ). 2014 аз.
2.4.  Информатор Плиты Сергийы фырт Александыр (Пушкин). 82 аздзыд. Рукъ (Есетæ). 2014 аз.
2.5.  Информатор Мæргъиты Ефины чызг Оля. 1940 азы гуырд. Сыба (Дзаттиатыхъæу). 2014 аз.
2.6.  Информатор Мæргъиты Къопийы чызг Розæ. 1950 азы гуырд. Уæллаг Рукъ. 2014 аз.
3. Хъайтаты Сергей. Ирон хабæрттæ. Дзæуджыхъæу, 1992.
4. Мисиков М.А. Этнографические сведения об осетинах Владикавказ, 2011.
5. Геродот. История в девяти книгах. Книга 4. Мельпомена. Владикавказ, 1991.
6. Страбон. География. В 17 кн. Книга 7. Германия, Таврика, Скифия. Репринтное воспроизведение текста издания 1964 г. М., 1994.
7. Райс Т. Скифы. Строители степных пирамид. М., 2003.
8. Панченко Г.К. История боевых искуств. М., 1996. Т. 4.
9. Абаев В.И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. Л., 1973. Т. 2.
10. Абаев В.И. Историко-этимологический словарь осетинского языка. Л., 1989. Т. 4.
11. Калоев Б.А. Осетины. М., 1971.
12. Айларты И.Х. Ирон фарн. Дзæуджыхъæу, 2012.
13. Торчынты Т. Иры хæзнадон. Дзæуджыхъæу, 2010.
14. Газданова В.С. Традиционная культура осетин. Владикавказ, 2006.
15. Лавров Л.И. Этнография Кавказа. Л., 1982.

 

скачать статью PDF